Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Владимир Баллаев - Гыцци | Текст песни

Фæрсыс мæ, гыцци, цæмæн ныхъхъус дæн,
Мæ саулагъз дзыкку цæмæн фæхалас.
{Цæмæн фæцыди сæ хуыз мæ рустæн,
Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст.} x2

Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди,
Бæрзонд арвæй мæм цы стъалы хъазыд.
{Уый фаронуалдзæг æрбайсæфт, гыцци,
Мæ сæр уæд ысурс, мæ сæр уæд разылд.} x2

Уæдæй фæстæмæ цъæх арвмæ хатын,
Кæнын мæ сагъæс мæйрухс æхсæвтæн.
{Цы кæнон, гыцци, кæнын дзæгъæлтæ,
Мæ зæрдæ адих цыргъ карды цæфæй.} x2

Фæлæ йын уæддæр йæ зæлдаг фынтæ
Куы фенон искуы кæйдæр фæрссагæй,
{Куы мæ фæсайой кæддæры фæндтæ,
Тæрсын æз уымæй, тæрсын фæлтауæй.} x2

Фæцагурдзынæн æй арвы кæрæтты,
Фæлæ йæ, гыцци, куы нуал ыссарон,
{Уæд ацы зарæг æрвылрагуалдзæг
Æнустæм хъуамæ нæ хæхты зарон.} x2

Владимир Баллаев еще тексты


Видео
    Нет видео
    -
    Оценка текста
    Статистика страницы на pesni.guru ▼
    Просмотров сегодня: 1