Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.
Кæдæм мын фæлыгъдтæ, мæ уарзон тæргай,
Кæй лæппу дæ хоны йæхицæн ныр къай.
Дæ мидбылды бахудт, дæ иунæг фæкаст
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътай маст.
Уый раджы, уыд раджы, фæлæ ма уæддæр
Æз уыцы изæрты фæмысын ныр дæр.
Нæзы хъæды бæластæ бæрзонд арвыл мæй,
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй.
Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\
Владимир Баллаев еще тексты
Другие названия этого текста
- Владимир Баллаев - Лæууы ма мæ зæрдыл (0)
- Владимир Баллаев - Лæууы Ма Мае Заердыл (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3