Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
♫Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.♫ (2 хатты)
О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыди тæхын.
♫Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,
Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт.♫ (2 хатты)
Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд,
Рухс хурау йæ конд æмæ йæ уынд.
♫Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, мæ минæвар фæуыд.♫ (2 хатты)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт.
♫Æмæ мын мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.♫ (2 хатты)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
♫Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.♫ (2 хатты)
Владимир Баллаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1