Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Владимир Баллаев - Цъæйдон | Текст песни

Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
{Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.} x2

О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыди тæхын.
{Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,
Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт.} x2

Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд,
Рухс хурау йæ конд æмæ йæ уынд.
{Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, мæ минæвар фæуыд.} x2

Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт.
{Æмæ мын мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.} x2

Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
{Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.} x2

«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Владимир Баллаев еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1