Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Гаглойты Станислав - БУЛÆМÆРГЪ | Текст песни

Ныхæстæ ныффыссæг – Токаты Алихан
Зарæггæнæг – Гаглойты С.

ИЗÆРÆЙ
(ирон романс)

Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды —
Зарæг цъиу диссаджы зарæг кæны
Хъæды изæрæй
Бæласы сæрæй...
Булæмæргъ, булæмæргъ, ма фæтæх дард,
Ма фæтæрс, ма фæтæрс, бæласыл бад.
Азар мын, цæй,
Ма тæрс мæнæй...
Зæрдæ æнцадæй ныр — хъæлдзæг, æнкъард,
Диссаджы зардæй мæ зæрдæ æрцард.
Хъусын, лæууын,
Худын, кæуын...
Азар мын, азар мын, булæмæргъ, цæй!..
Райдæй та, райдæй та тагъддæр, хъæрæй.
Ма уадз дæ зард,
Ма бад æнцад.
Дидинæг, дидинæг, ракал дæ тæф,
Диссаджы тæфæй ды дзаг кæн уæлдæф.
Рæз мын ды дæр,
Тæф кæн фылдæр.
Хæхтæй фæтулы, фæтулы нæ хур...
Азар-ма, азар-ма, цæй, ды, мæ хур,
Уæ, цъиу, мæ бон.
Æз ныр кæуон...
Хæхтæй нæ хур дæр бынтондæр ныттылд.
Мигъ ма сырх-сырхид йæ сæрмæ фæзынд.
Тулын æз дæр
Хъæды дæлдæр.

Гаглойты Станислав еще тексты


Другие названия этого текста
  • Гаглойты Станислав - БУЛÆМÆРГЪ (1)
  • Gaglojty - Bulӕmӕrgh (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-