Ныхæстæ ныффыссæг – Калоты Хазби
Зарæггæнæг – Гаглойты С.
***
Комы уазал сау æхсæв æрхуыссыд,
Арвæй рахауд мигътæм уæлæ мæй...
Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон,
Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй.
Дон фæйлауы... дон мæстыйæ ниуы,
Къæйтыл райсом — урс фынкæй тæмæн...
Сауцæст, саудзыкку цæры мæ риуы,
Сауцæст басаста мæ тых мæнæн.
Зæрдæ — сайд, фыдуаг сæнттæ нæ сысынц,
Зæрдæ ацыд, ахицæн мæнæй...
Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон,
Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй?
1940 аз.
Гаглойты Станислав еще тексты
Другие названия этого текста
- Гаглойты Станислав - Сауцæст, саудзыкку... (1)
- Станислав Гаглоев осетинские - Сауцæст, саудзыкку... (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1