Тар фынæй æй райхъæл уалдзæг,
Арвæй хурытын касы,
О, мæ иунæг ныр фыруарзтæй,
Зæрдæ зарджытæ кæны.
Уарзын та, æз ногæй уарзын,
Æз ма уарзт дæуæн дæттын
Æмæ дын æргомæй дзурын:
"Уарзгæ, уарзгæ дæ кæнын".
Буламæргъ хъæрæй ныззарыд,
Уый ма уарзтыл цин кæны,
Атахти мæ уд уæлæрвтæм
Уарзт мын ног амонд хæсы.
Боны цъахтам та фæбадæм,
Ссаразæм æхсæвæбон,
Уым дæ сау цæстыты кастæй,
Зæрдæ атæйы бынтон.
Быдыр дидинджытæй байдзаг,
Уым мæн азгъорын фæнды,
Байгом амондæн мæ зæрдæ,
Уарзтæй афтæ мæм касы.
Зоны уарзтæй зæрдæ судзы,
Уый мæн царды бон дæтты,
О, мæ иунæг мæн дæ уарзтæй,
Ногæй басудзын фæнды.
Уарзын та, æз ногæй уарзын,
Æз ма уарзт дæуæн дæттын
Æмæ дын æргомæй дзурын:
{"Уарзгæ, уарзгæ дæ кæнын".}2x
гггг еще тексты
Другие названия этого текста
- гггг - Уарзга да канын. (0)
- Уарзга да канын. - 234 (0)
- Алла Хадикова - Уарзга да канын. (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1