Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Государственный ансамбль песни и танца Юго-Осетии «Симд» (сол. Инал Алборов) - Хъуыбады | Текст песни

Музыка народная, обработка Павла Битиева, слова Коста Хетагурова. Солист Инал Алборов

Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…

{Кæйдæр дзæгъæлзад, лæппуйæ баззад
Йæ сау бындурыл…
Кæдæм-иу бафтыд, уым-иу фæкафыд
Кæрдзыны мурыл…} x2

{Бæгънæг, бæгъæввад, ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, – хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй…} x2

{Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…} x2

{Уæд фос куыд уарзта? – фæсал сын ласта
Йæ салд æрчъийæ!..
Йæ зард нæ уагъта, – фæндыр ыскъахта
Бæрзбызычъийæ…} x2

{Бын бауай, иунæг, дзыллæтæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Фæсмон фæкæна, мæрдты дзыназа,
Дæу чи ныййардта!..} x2

«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Государственный ансамбль песни и танца Юго-Осетии «Симд» (сол. Инал Алборов) еще тексты


Другие названия этого текста
  • Государственный ансамбль песни и танца Юго-Осетии «Симд» (сол. Инал Алборов) - Хъуыбады (0)
  • ГАПиТ РЮО «Симд» им. Б. Галаева (сол. Инал Алборов) - Хъуыбады (0)
Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1