Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Чи нæ нæ уарзы — цæмæ ’рцыди?
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ Цаби Къобыл æруад,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рæгъмæ ракæн кæстæр уазæг,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Иугæйттæ ’мæ ныр дыгæйттæ,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Авæрут сæм ныр дæсгæйттæ,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рæгъ рацæуы рæгъ хистæртæм,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Хистæр уазæг фæныуазы,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Кæстæр уазæг фæрæсыг и,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Æрдæттут сæм сæхæрнатæ,
Ой, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Слова и музыка народные
«Музыкальная культура осетин» © 2013
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Государственный ансамбль песни и танца Южной Осетии «Симд» еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1