Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Государственный ансамбль песни и танца Южной Осетии Симд - Хорз ус | Текст песни

ХОРЗ УС

Хорз ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Хъазтмæ цæмæн фæцæуы?
Алы бон хъазт йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон хъазт йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, гъей!

Æвзæр ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Зианмæ цæмæн фæцæуы?
Алы бон зиан йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон зиан йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Дыууæ усы кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Базармæ цæмæн фæцæуы?
Алы бон базар йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон базар йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, гъей!

Фондз усы кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Тохмæ цæмæн фæцæуы?
Алы бон тох йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон тох йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Даргъ ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Асин æй цæмæн фæхъæуы?
Алы бон асин йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон асин йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Нард ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Гобан æй цæмæн фæхъæуы?
Алы бон гобан йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон гобан йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Нуазаг ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Арахъ æй цæмæн фæхъæуы?
Алы бон арахъ йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон арахъ йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Фыдынд ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Хæйрæг цæмæн фæхъæуы?
Алы бон хæйрæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон хæйрæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Кусаг ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Хæрæг цæмæн фæхъæуы?
Алы бон хæрæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон хæрæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Налат ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Калмæй цæмæй фæтæрсы?
Алы бон калм йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон калм йæ хæдзары вæййы, йæ хæдзары вæййы, гъей!

Рихиджын ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Къуымбил цæмæн фæцæгъды?
Алы бон къуымбил йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон къуымбил йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Дыгурон ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Рувасæй цæмæй фæтæрсы?
Алы бон рувас йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон рувас йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Къуыдайраг ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Арсæй цæмæн фæтæрсы?
Алы бон арс йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон арс йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Ирон ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Дидинæгмæ цæмæн фæкæсы?
Алы бон дидинæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон дидинæг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Дзураг ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Радиомæ цæмæн фæхъусы?
Алы бон радио йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон радио йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Гоби ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Кæсаг ма цæмæн фæахсы?
Алы бон кæсаг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон кæсаг йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Тыппыр ус кæмæн вæййы, уый ма мын, зæгъæд,
Боцкъамæй цæмæн фæбæллы?
Алы бон боцкъа йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, ой, уæрæйдæ ’мæ
Алы бон боцкъа йæ хæдзæры ваййы, йæ хæдзары ваййы, гъей!

Æмæ афтæ дарддæр...


Другие названия этого текста
  • Государственный ансамбль песни и танца Южной Осетии Симд - Хорз ус (0)
  • ӃОNА - Хорз ус (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-