ÆНАХУЫР ФЫН
муз.: Булат Газданов, сл.: Ахсар Чеджемов
Дæ-дæ-дæй, Дыдта, дысоны æхсæв
Цы фынтæ федтон, гъей.
Цыма мæм усгур, цыма мæм усгур
Сау бæхыл тахти, гъей.
Мæ чызгæмбæлттæ нæ кæрты дуармæ
Уæд хъазт сарæзтой, гъей.
Уым кафыны рад, уым кафыны рад
Мæнмæ æрхауди, гъей.
Æнæрай фæуа, цы барæг уыди,
Цы усгур разынд, гъей.
Куы нæ йæ зонын, йæ хъал бæхыл мæ
Кæдæм ыскъæфта, гъей.
Дæ-дæ-дæй, Дыдта, дæ хъæбысы мын
Мæ сæр æрбакæн, гъей.
Æнхъæлдæн æмæ, æнхъæлдæн æмæ
Балцы цæудзынæн, гъей.
Дыдта мын цæра, æрмæст мæ фыдæн
Мацы ысхъæр кæн, гъей.
Фæлмæнзæрдæ ’мæ сагъæсгæнаг у, —
Йæ зæрдæ рисдзæн, гъей.
Бæрзонд уæлæрвтæй ме стъалыйы хай
Куыд атæхдзæни, гъей.
О, ацы зæххыл мæ кæрдæджы хал
Куыд бахус уыдзæн, гъей.
Мæ чызгæмбæлттæ, хæстæгдæр-ма мæм,
Курын, æрбадут, гъей.
Мæ рухс уалдзæджы æз царды цинæй
Куы нæ бафсæстæн, гъей.
Гъе ныр цалынмæ, гъе ныр цалынмæ
Мæ уд не схауа, гъей,
Уæдмæ мын цæгъдут, уæдмæ мын цæгъдут
Ирон фæндырæй, гъей.
МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
vk.com/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\
Государственный камерный хор «Алания» под управлением Агунды Кокойти еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1