Гуры жандармтæ куы рацæуынц —
Зилынц кæмтты цъалаты.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Уæд зилынц кæмтты цъалаты.
Лаврент сæм рагъæй афтæ дзуры:
«Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты».
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
«Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты».
Тыбылы-фырт æм афтæ дзуры:
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».
Дзераны-фырт æм афтæ дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».
Тыбылы-фырт æй уæд куы фехста,
Йæ иу фæрсты ацыди.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Йæ иу фæрсты ацыди.
Дзераны-фырт æй рагъæй рыхста,
Йæ рахиз цонг ныппырх и.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Йæ рахиз цонг ныппырх и.
Жандармтæ Тыбылы-фыртыл фесты,
Лавренти та — тар хъæдмæ.
Гъæйтт-мардзæ, ирон сахъ лæппу,
Дзераны-фырт Лавренти!
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Государственный камерный хор «Арион» Северо-Осетинского республиканского лицея искусств под руководством О. Джанаевой еще тексты
Оценка текста
Как вам текст?
1 out of 5
2 out of 5
3 out of 5
4 out of 5
5 out of 5
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1