Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд,
Куы мæ бафтыдтай катайы, гъей.
Дæ иу бакастæй, сауæрфыг,
Хуссары митау атайын, гъей.
Калачы идон балхæдтон —
Гуры мын дзыллæ разынди, гъей.
Чызгайæ мæхи хъахъхъæдтон,
Уый та мын уарзон разынди, гъей.
Ма мыл фæхудут, хорз адæм,
Ма мыл ыскæнут зарджытæ, гъей.
Зæгъут-ма уыцы чызгайæн:
Фæцæуынц æм фидауджытæ, гъей.
Цæгатаг рæбын уазал у —
Æппынæдзух дзы салд вæййы, гъей.
Чызгай, фыр уарзтæй атайын —
Æлхуыйы йас дæр нал вæййын, гъей.
Рацагъд.
Сусхъæдæй бандон сарæзтон,
Æмæ мын уый дæр басыгъдтой, гъей.
Сусæгæй уарзон равзæрстон,
Æмæ мын уый дæр базыдтой, гъей.
Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзухдæр æм нæрын цæуы, гъей.
Чызджы зæрдæ бынтон саст у,
Æдзухдæр æм кæуын цæуы, гъей.
Слова и музыка народные
гр. Фидан еще тексты
Другие названия этого текста
- гр. Фидан - дае зынг ахуыса сау рассугъд (1)
- гр. Фидан - Старинная Осетинская лирическая песня (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1