Мæ хъазар уарзон,
Дæуæн ку зарун, гъей.
Мæ уарзти зæрдæ
Дæуæн ку дæттун, гъей.
{Мæйрохс æхсæвти æз дæу ку хезун,
Мæ рæсугъд фæндур, дæуæн ку цæгъдун, гъей.} x2
Басайдтай мæ
Дæ рæсугъд дзурдтæй, гъей.
Басайдтай мæ
Дæ цæстисугтæй, гъей.
{Басайдтай мæ дæ зæрди фæндтæй,
Зæрдæ ниттахтæй, ма мæ ниууагътай, гъей.} x2
Æнæ дæу, мæ хор,
Цæрун нæ зонун, гъей.
Арви стъалуйау
Дæуæн ку ’рттевун, гъей.
{Мæ алли касти дæу ку агорун,
Соми дин кæнун, æз ке нæ цæрун, гъей.} x2
Рацагъд.
Аци зæнхæбæл
Иронх неци ес, гъей.
Зæрдæн ба реуи
Гæзæн ку нæййес, гъей.
{Катай ку кæнун, бунат нæ ерун,
Мæ цæстисугтæ гæр-гæрæй кæлун, гъей.} x2
Бонтæ-æхсавтæ
Æз ку æрветун, гъей.
Содзгæ уарзтæй дæ
Фур уарзт ку кæнун, гъей.
{Мæнæн мæ зæрдæ дæу ку агоруй,
Е мин æ зинтæй дæумæ ку дзоруй, гъей.} x2
{Мæйрохс æхсавти æз дæу ку хезун,
Мæ рæсугъд фæндур, дæуæн ку цæгъдун, гъей.} x2
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\
Группа «Лескен» (сол. Ирина Хидирова) еще тексты
Другие названия этого текста
- Группа «Лескен» (сол. Ирина Хидирова) - Без названия (0)
- Группа «Лескен» (сол. Ирина Хидирова) - ма хазар (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3