Ихджын дæ, ихджын суадон
Ансамбль "ФАРН"
Поет Роман Джихаев
Скачать mp3
Ансамбль "ХУРЗÆРИН"
Поет Шота Багаев
Скачать mp3
Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты)
Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты)
Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не ссардтон.
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.☺ (2 хатты)
Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
☺Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн и.☺ (2 хатты)
Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзух дæр æм нæрын цæуы.
☺Чызгай, дæ зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты)
Горæты фæндаг басудза,
Лæг дзы цæуынæй не ‘фсæды.
☺Чызгай, дæ амонд басудза,
Лæг дæм кæсынæй не ‘фсæды.☺ (2 хатты)
Джихаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1