Хорз адæм нæм бирæ и гъей!
Се 'гъдау сæ куыст фæзминаг,
Лодыртæ та кæуинаг гъей!
Арфæ кæнæм сымахæн
Чи у хæлар, цæстуарзон,
Зындзинæдтæ фæразон гъей!
Мин азы нын фæцæрут æнæниз 'мæ дзæбæхæй,
Тас уын ма уæд мæлæтæй гъей!
Ис адæмæй ахæмтæ гъей!
Хæлæрттæ 'мæ хиуæттæ
Дзадджын фынгтыл зиуæттæ гъей!
Ахъæбыс дæ кæндзысты,
Фыр цинæй дæ хæрдзысты,
Дæ фынг стонгæй бамбæхсынц гъей!
Исчи ам дæр уæ хъæуы, худинаг сæм нæ кæсы,
Ахæм хæлар кæм хъæуы гъей!
Далæ шофыр ныррасыг гъей!
Цæстæй рæстмæ нæ кæсы,
Машина та фæтæры гъей!
Чидæр фæдис хъæр кæны:
Мачи лæууæд йæ разы,
Дысон-бонмæ ныуазы гъей!
Худинаг уæд шофырæн, арахъхъыл нæ ма ивут,
Мæлæтæй нæ бахизут гъей!
Не скъолайы чидæртæ гъей!
Ахуыр æвзæр куы кæнынц,
Уынгты дзæгъæл фæлæууынц гъей!
Хистæр-кæстæр нæ зонынц,
Куы кæрæдзи фæтонынц,
Куы тамако фæдымынц гъей!
Мадæлтæ сын фыр буцæн зынаргъ дарæс æлхæнынц,
Афтæмæй сæ куы хæлынц гъей!
Милицанер уæхæдæс эй!
Фыдгæнджыты æмбæхсы,
Давы семæ йæхæдæг эй!
Давæг-марæг ауадзы,
Рæстæй лæджы æрцахсы,
Хылтыл фены бамбæхсы эй!
Дзиццойты Шамил еще тексты
Оценка текста
Как вам текст?
1 out of 5
2 out of 5
3 out of 5
4 out of 5
5 out of 5
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1