Рынчыны цур
Прослушать mp3
А.: — Хуысгæ куы кæныс?
Æ.: — Фæрынчын дæн.
А.: — Цы кодтай? Цы дæ риссы?
Æ.: — Мæ сæр риссы, стæй хуыфын.
А.: — Тæвд дæм ис?
Æ.: — Нæ, тæвд мæм бирæ нæй, фæлæ мæ сæр зилы.
А.: — Дохтырмæ дын фæдзурон?
Æ.: — Нæ хъæуы. Уый бæсты мын аптекæйæ хостæ æрбахæсс.
А.: — Хæстæгдæр аптекæ кæм ис?
Æ.: — Уынгмæ куы рацæуай, уæд фæндаджы сæрты ахиз, стæй галиуырдæм фæзил.
А.: — Хостæ дын æрбахастон: мæнæ уый у сæрнизы хос, иннæ та хуыфæджы хос.
Æ.: — Куыд сæ нуазын хъæуы?
А.: — Бон æртæ хатты иугай таблеткæтæ.
Æ.: — Дæ хорзæхæй, дон дæр мын рахæсс.
А.: — Мæнæ дын дон.
Æ.: — Хуыцау дын раарфæ кæнæд.
Дзырдуат
хуысгæ куы кæныс? «никак ты лежишь»
цы дæ риссы? «что у тебя болит»
цы кæныс? «что с тобой»
хуыфын «кашлять»
тæвд дæм ис? «температура у тебя есть?»
сæр зилы «голова кружится»
уый бæсты «вместо этого»
фæндаджы сæрты «через дорогу»
галиуырдæм фæзил «поверни налево»
сæрнизы хос «средство от головной боли»
хуыфæджы «от кашля»
æртæ хатты «три раза»
хуыцау дын раарфæ кæнæд «пусть бог тебе воздаст»
Диалог иронау - Рынчыны цур. еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2