Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Дигорон зар - Зæринæ! | Текст песни

ЗÆРИНÆ

Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæринæ,

Дæ фæндурæй уæрайда!

Ци ес хуæздæр? - Æмдзæринæ, -

Зонæ уомæн æ пайда...

Мабал кæнæ æрхунбадæ,

Гъæй-уй махæн симди цагьд.

Дæу æй гьенур кавди радæ,

Æрцæйкафæ, цæй, ду тагьд!

Зонун, зонун æз, Зæринæ,

Цæбæл фæууй дæ мæтьæл.

Кæд дæ фæндуй, сугьзæрийнæ,

Æрцæгьдон дин уæд хæтæл.

Адтæй дæуæн æнсувæртæ,

Гъе уонæй дæн æз сæ еу;

Ку цудæй, цид, тохи гьæртæ,

Радтионцæ уæд сæ реу.

Авдуст адтæй уæд нæ бæстæ,

Игъустан ин мах æ хъонц.

Ниццæйкалдтонцæ мæн æстæ

Сæребари тохи рондз.

Райевгьудæй берæ æнзтæ,

Базудтан уæд тохи гьæр.

Уадæнцæ, цид, уæд æд гæрзтæ

Нæ фæсевæд догьи дæр.

Райстан уæд мах догьихарзæн

Хори тунти фæлмæн каст.

Ниццæйтадæй хори карзæй

Уазал цъете уæд æваст.

Æхснадтай син сæ тогфæрстæ

Де ’нсувæртæн нæ донæй, -

Нæ ’нцæ исæвд еци хуæрзтæ,

Уой дин зæгъун æргонæй.

Æрцæйцæгьдæ, цæй, Зæринæ,

Еумæ цардæн æ пайда!

Дæ фæндур уæд сугьзæрийнæ,

Зарæ,цид, си уæрайда!



Дигорон зар еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2