Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Дæ фæндурæй, уæрæйда.
Ци ес хуæздæр æмзарийнæ,
Зонæ уомæн æ пайда.
Мaбaл кæнæ æрхунбадæ,
’Ркæнæ махæн симди цагъд.
Дæу æй гъенур кафти радæ,
Æрцæйцæгъдæ, цæй, ду тагъд.
Зонун, зонун æз, Зæрийнæ,
Цæбæл фæууй дæ æнкъард.
Кæд дæ фæндуй сугъзæрийнæ,
Æрцæйцæгъдон æз мæ цагъд.
Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Еумæ цардæн æ пайда.
Дæ фæндур уæд сугъзæрийнæ
Зарæ си, цит, уæрæйда.
Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Дæ фæндурæй уæрæйда.
Ци ес хуæздæр æмзарийнæ
Зонæ уомæн æ пайда.
Слова и музыка народные
Дигорон еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2