Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Долорес Билаонова - Цы сусæг кæнон | Текст песни

Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,
Бирæ кæй уарзын, гъей
Мæ иунæг уарзон, дæумæ кæй бадын,
Дæумæ кæй бадын, гъей.

Уæд хъазты вæййын, фæрсгæ мæ кæныс
Фæрсгæ мæ кæныс, гъей.
Курæг дæ куы и, мой куыннæ кæныс,
Мой куыннæ кæныс, гъей.

Кæмæн ракæнын мæ сусæг ныхас,
Мæ сусæг ныхас, гъей.
Уый дзы куы скæны ыстыр тулдз бæлас,
Ыстыр тулдз бæлас, гъей.

Уæд та мæ фæндон мæ мадæн зæгъон,
Мæ мадæн зæгъон, гъей.
Бынтон æнамонд мæхи куыд хонон,
Мæхи куыд хонон, гъей.

Фæлæ мæ уый дæр куы нæ бамбара,
Куы нæ бамбара, гъей.
Мæ хивæнд ныхас куы нæ ныббара,
Куы нæ ныббара, гъей.

Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,
Бирæ кæй уарзын, гъей,
Мæ иунæг уарзон, дæумæ кæй бадын,
Дæумæ кæй бадын, гъей.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-