Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Зарæггæнджыты къорд - Ноггуырды зарæг («Сой, Сатана, сой») | Текст песни

НОГГУЫРДЫ ЗАРÆГ

Сой, Сатана, сой, Сатана, сой
Мæнæ фæсивæд дæумæ кæсынц, сой.
Хорз минастæ дæуæй домынц, сой.
Рахæсс-ма нын сой, Сатана, сой.
Сау бæгæны сырсыргæнгæ, сой.
Бур физонæг цъысцъысгæнгæ, сой.

— Сойгæнджытæ фæцæуынц.
— Сой цæуы, сой.
— Ног амонд уын фæхæссынц.
— Сой цæуы, сой.
— Алы аз дæр ардæм.
— Сой цæуы, сой.
— Фидæнмæ дæр ардæм.
— Сой цæуы, сой.
— Уæлæ цары тæбинаг.
— Сой цæуы, сой.
— Уæ ног гуырд уæд цæринаг!
— Сой цæуы, сой.
— Йæ фыдымад Куындыхон.
— Сой цæуы, сой.
— Уæ ног гуырд уæд куырыхон!
— Сой цæуы, сой.
— Галы сыкъа зæбул уа.
— Сой цæуы, сой.
— Инн' аз дæр лæппу уа.
— Сой цæуы, сой.
— Уæлæ къуыппыл дидитæ.
— Сой цæуы, сой.
— Рахæссут нын чъиритæ!
— Сой цæуы, сой.
— Уæлæ комы гæнгæлы.
— Сой цæуы, сой.
— Сойгæнджытæн — бæгæны!
— Сой цæуы, сой.
— Уæлæ цары тæбинаг.
— Сой цæуы, сой.
— Цыхтытæн нын сæ бинаг.
— Сой цæуы, сой.
— Сой, нæ лæппу, сой, сой!
— Сой цæуы, сой.
— Алы аз дæр ардæм!

— Сой цæуы, сой.
Сой цæуы, сой.

Зарæггæнджыты къорд еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2