Музыка и слова Мурата Доева
Кæд ма æртайа мит дæ уæзæджы,
Кæд ма фыссон æхсæвæй зарджытæ,
Кæд ма ныттава хур йæ хъарм тынтæй, —
Уый зон, мæ зæрдæйы ды иунæг дæ.
Кæд ма нын зарой цъиутæ амæндтыл,
Кæд ма æууæнда зæрдæ аргъæуттыл,
Кæд ма цæхæртæ калой цæстытæ, —
Уый зон, мæ зæрдæйы ды иунæг дæ.
Нæ зонын æз æмæ нæ зоныс ды
Цы ма уыдзæнис, фæлæ мæн фæнды
Цæмæй йæ зонай: нæй мæнæн æндæр,
Мæнæн мæ зæрдæйы ды иунæг дæ
Кæд ма сæууон æртæх дидинтыл уа,
Кæд ма фырцинæй цæстысыг кæла,
Кæд ма æрттивой арвы стъалытæ, —
Уый зон, мæ зæрдæйы ды иунæг дæ.
Игорь Кудзиев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1