Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Илурова Римма - Цы уарзтай да уарзын | Текст песни

Мæ зæрдæ уарзты базыртыл тæхы,
Мæхицæй амондджын дæр нæй зæххыл.
Æргом уæндонæй дын мæ уарзт зæгъын
Æрмæст дæуæн куы цæрын.

Цы уарзтæй дæ уарзын куы зонис,
Тоны фыруарзтæй мæ риу
Тæхуды, дæ амонд мæн куы рахонис
Куы уаин дæуæн дæр иу.

Чи зоны мæ зарæгма хъусыс ды,
Чи зоны рухс фынты агурыс мæн.
Кæд мыййаг дæ уарзт зæгъын дæу фæнды,
Зон уæд æз амондджын дæн

Цы уарзтæй дæ уарзын куы зонис,
Тоны фыруарзтæй мæ риу.
Тæхуды, дæ амонд мæн куы рахонис,
Куы уаин дæуæн дæр иу

Мæн ды æндæрыл мæ хурмæ баив
Мæнау дæу ничи уал уарздзæн, æмбар.
Мæ сыгъдæг уарзтыл дæ зæрда ма сив
Уарз у хуыцауы лæвар.

Цы уарзтæй дæ уарзын куы зонис,
Тоны фыруарзтæй мæ риу.
Тæхуды, дæ амонд мæн куы рахонис,
Куы уаин дæуæн дæр иу


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-