Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Инна Гучмазова и Сослан Кулумбеков - Осетинская народная песня «Тар хъæды бæлас» (экспромт) | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Тар хъæды бæлас кæлын нæ комы,
Ох, æмæ, кæлын нæ комы.
Куы кома, уæддæр хъæды кæронмæ,
Ох, æмæ, хъæды кæронмæ.
Нанайы рæсугъд моймæ нæ комы,
Ох, æмæ, моймæ нæ комы.
Куы кома, уæддæр хъæуы кæронмæ,
Ох, æмæ, хъæуы кæронмæ.

Терчы бабызтæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Ох, æмæ, куы ’рбамбырд вæййынц.
Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн,
Ох, æмæ, бæлоны хуызæн.
Иры рæсугъдтæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Ох, æмæ, куы ’рбамбырд вæййынц.
Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн,
Ох, æмæ, мæноны хуызæн.

Горæты фаетон – къареты хуызæн,
Ох, æмæ, къареты хуызæн.
Тæхуды уымæ цæуынæй бафсæд,
Ох, æмæ, цæуынæй бафсæд.
Мæнæн мæ уарзон – къафеты хуызæн,
Ох, æмæ, къафеты хуызæн.
Тæхуды йемæ цæрынæй бафсæд,
Ох, æмæ, цæрынæй бафсæд.

«Музыкальная культура осетин» © 2011
http://vkontakte.ru/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3
Видео
Нет видео
-