Слова Ларисы Газзаевой, музыка Инны Гучмазовой
Нæ царды алцы нæу фæндонæй:
Нæ вæййæм алыран тыхджын.
Рæдыд æруадзæм хатт рæузондæй,
Куы та нæ вæййæм фаг ныфсджын.
Куы царды аззайæм фæстейæ,
Куы та йæ разæй мах тæхæм.
Куы царды фелгъитæм мæстыйæ,
Куы йын «дæ райсом хорз» зæгъæм.
Кæд цардæй рухс кæны дæ зæрдæ —
Æнæхъуаджы нæ уыд дæ тох.
Кæд цард нæ уарзыс, уæд æвзæр дæ:
Дæ цард дæу тагъд фæкæндзæн рох.
Куы царды аззайæм фæстейæ,
Куы та йæ разæй мах тæхæм.
Куы царды фелгъитæм мæстыйæ,
Куы йын «дæ райсом хорз» зæгъæм.
Инна Гучмазова еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1