Нæ хонхти сæрмæ æвзестæ мæйæ йæ билтæ æруахта,
Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй дæу ку бауарзта,
*Чи ма дин кæнон, кумæ фæццæуон,
Цæмæй дæ басайон?
Мæ уарзти зинтæ, мæ зæрди зинтæ,
Дæуæн куд разарон? (2 хатти)
Уалджигон думгæ бæлащи щифтæ еугай йæ ратудта,
Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй дæу ку бауарзта,
*Чи ма дин кæнон, кумæ фæццæуон,
Цæмæй дæ басайон?
Мæ уарзти зинтæ, мæ зæрди зинтæ,
Дæуæн куд разарон? (2 хатти)
Æрхæсцæй кувдтаг нæ фæззæг махæн, игъуссæй нæ чини зар,
Дæ уарзт уодзæнæй алкæттæр мæнæн æнæмæнгæ хъазар.
*Чи ма дин кæнон, кумæ фæццæуон,
Цæмæй дæ басайон?
Мæ уарзти зинтæ, мæ зæрди зинтæ,
Дæуæн куд разарон? (2 хатти)
**К.З.
Ира Хамицаева еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1