Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ираеттае Раезмае - Фондз усы | Текст песни

Фыццаг амонд æз куы ссардтон –
Кæрон нал уыд мæ цинæн,
☺ Алы хатт-иу æз архайдтон
Куыд хуыздæр уа ме 'фсинæн, ей. ☺ (2 хатты)

Фæлæ разынди мæ сæрæн
Зивæггæнаг, гæбæрхъус,
☺ Ей уый тыххæй йæ фыдæнæн
Иннæ ‘рмидæг йæ уæлхъус, ей. ☺ (2 хатты)

Дыккаг дæр та æнæрайгонд
Дудгæ бон мæ баййæфта,
☺ Æппындæр мын йæ сæры зонд
Сабийы дæр не 'ййафта, ей. ☺ (2 хатты)

Æрдавтон та æртыккаджы –
Чи зоны, уый фесгуыха,
☺ Фегад кодта ‘гас мыггаджы,
Уадз йæ мыггаг сыскъуыйæ, ей. ☺ (2 хатты)

Цыппæрæм та йæ фырхæрдæй
Хуыйæ хъауджы нæ уыди,
☺ Фиу сæвæрдтæ уый фырнардæй,
Пылау иуран лæууыди, ей. ☺ (2 хатты)

Уымæн дæр та йæ дæлдымæг
Æз сриуыгътон мæ къахæй,
☺ Уæд æрвыстон мæ иу зымæг
Фыдбон æмæ фыртухæн, ей. ☺ (2 хатты)

Цæй иу хатт ма уæд иу хатт ма
Афæлварон мæ амонд,
☺ Æрвæсстон та ме 'взист хъама –
Мæ хъару 'мæ мæ амонд, ей. ☺ (2 хатты)

Фæндзæм дæр та уыцы уалдзæг
Æрбамидæг мæ уаты,
☺ Йемæ ‘рхaсстa кæрдо лæдзæг,
Нaдтa-иу мын мæ мады, ей. ☺ (2 хатты)

Æппынфæстаг мæхиуыл дæр
Йæ арм систа цæвынæй,
☺ Сбадтыстæм-иу мæ мадимæ,
Быцæу кодтам кæуынæй, ей. ☺ (2 хатты)

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-