Нæ хуæнхти сæрмæ æвзестæ мæйæ
Æ билтæ æруагъта.
Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй
Дæу ку бауарзта.
Базард:
☺Ци ма дин кæнон, кумæ фæццæуон,
Цæмæй дæ 'рбасайон?
Мæ уарзти зинг дæ, мæ зæрди зин дæ,
Дæуæн куд разарон?☺ (2 хатти)
Уалдзигон думгæ бæласи сифтæр
Еугай и ратудта.
Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй
Дæу ку бауарзта.
Базард. (2 хатти)
Æрхæссдзæй кувддаг нæ фæззæг махæн,
Игъусдзæй нæ цини зард.
Дæ уарзт уодзæнæй алкæддæр мæнæн
Æнæмæнгæ хъазар.
Базард. (2 хатти)
Ирина Хамицаева еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1