Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ирон - Куывд | Текст песни

Фарнон бадзурæд Ирыстоны адæм, æмæ фæрнæй дзаг уæд уæ алкæй хæдзары дæр.
Адæймаг йæ сомбоны ныфсæй цæры, йæ фидæн æлдар - йæ зæрдæ, æмæ уын фидæнæй фидæнмæ хуыздæр бонтæ хуыздæр замантæ скæнæд.
Фыдæлтæ йыу афтæ загътой: \"Зæхх - нæ рагон Мад у. Ныййарæг мадау у йæ фарн, æмæ йæ хъармæй барæвдауæд нæ дарæг захх.\"
Нæ фыдæлты бæстæ. Афæдзæй - афæдзмæ, уый цы фæллой бакæнад, цы бæркæдтæ сисад уа уарзон зæххæй, уыдон уын сызгъæрин фæззæджы, куывдтæ æмæ чиндзæхсæвты кувинаг фæуæнт, кæй уарзут æмæ уын уæхи чи уарзы, уыцы адæмимæ, иумæ.
Хистæр кадджын æмæ кæстæр амонджынæй аразæм нæ цард фæлтæрæй - фæлтæрмæ, æнусæй - æнусмæ.
Уæдæ нæ фæндыры цагъд, нæ зарæг, нæ Ирон рæсугъд ныхас Ирыстоны зæххыл макуы фæцудæнт. Уæлвырд у иу хъуыддаг: йæ цард уарзондзинады бындурыл чи аразы, уыдон сты - рæсугъд адæм. Иудзинад кæмæ ис, æмзонд æмæ æмзæрдæй чи архайы, уыдон сты - тыхджын адæм. Йæ абон, йæ райсом, йæ дард фидæныл чи хъуыды кæны, æмæ афтæмæй йæ фыдæлты кад æмæ ном бæрзонд чи хæссы, уыдон сты - амондджын.
Уæдæ нæ Ирон фынг æртæ къахыл лæууы, æртæ чъирийæ Хуыцауы сыгъдæг ном арæм, æмæ Хуыцауы æртæ хорзæхæй: цæрыны ныфсæй, уарзондзинадæй æмæ амондæй хайджын куыд уой, нæ Ирон дзыллæ Цæгатæй, Хуссарæй дунейы фарнон, ахæм арфæ ракæнæд.
О, Дунесфæлдиссæг, Иунæг Кадджын Хуыцау, табу - Дæхицæн. Лæгæн ацы зæххыл хорз цæрынмæ, фарн æмæ амондæй цы саккаг кодтай, уымæй ныххайджын æмæ хайырджын скæн.
Тыхы рæстæг у, æмæ Æрæфыдон, Урсдон, Ардон, Фыййагдон æмæ Джызæлдон сæхи Терчы донимæ куыд æхсызгонæй бабастой, афтæ дæ кувæг Ирон адæм дæр зонд æмæ хъаруйæ куыд баиу уой, æмæ Ирыстонæн йæ Хуссары къоппæг дидинæг, Цæгаты рæсугъд уардиймæ хæларæй, уарзонæй куыд сыздæхсой, нæ фыдæлты Цытджын Уастырджи, уыцы ахъаз нын бакæн.
Фæндагсар Уастырджи, табу - Дæхицæн. Нæ рæсугъд кæстæртæ æфсæн уæрдонджынтæ сты, сæ дугъгæпп дзæбæх фæндæгтыл æнæниз æмæ æнæфыдбылызæй кыд уа, уыцы арфæ цын ракæн. Сау хъæдыбæлæстæй быдыры цæхæрадон чи сарызта - нæ Хетæджы Уастырджи, табу - Дæхицæн. Дæуæн дæ тыхсты сахат хъæд цы 'ххуыс бакодта, мах - Дæ кувæг адæм, Ды та махæн - ноджы стырдæр æххуысгæнæг фæуы.
Ныхасы Уастырджи, табу - Дæ хорзæхæй. Нæ дзыхы дзырд æмæ нæ кæрæдзийы уын адджын куыд уой, уыцы сыгъдæг фарнæй нæ барæвдау. Гъет, нæ фыдæлты рагон Уастырджи, Дунесфæлдиссæг, Иунæг Кадджын Хуыцауы Цыттдджин Минæвар, табу - Дæхицæн. Бæрзондæй ныллæгмæ рафæлгæс. Кæд искуы искæй кувинæгтæ адджынæн айстай, уæд мах куывд дæр уый æмбал фæкæн. Сабырцард уарзæг, Иры дзыллæтæ стырæй, чысылæй, Де уазæг - Дæ фæдзæхст.


Ирон еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-