Дæ иу бакастæй дæр циндзинад исын,
Кæд фæнды мæ зарын.
Цы бон дæ нæ фенын, зæрдæйы риссын
Æрмæст уæд æнкъарын.
Дæу кæй уарзын, уый дын куыд зæгъон,
Куыннæ йæ æмбарын.
Дæ мидбылты худтыл худгæ зæрдæйæ
Æдзухдæр æмбæлин.
Мæ рæсугъд дунейы демæ цæугæйæ
Æнусмæ фæцæрин.
Уæд цы кæнон, ныр дын куыд зæгъон:
Мæ бауарз æндæры!
Ма мын бауадз тызмæг сагъæстæн
Мæ зæрдæ æфхæрын.
Нæ фæстæг фембæлдты дæхи куыд дардтæй,
Æз уымæй æмбæрстон:
Дæ цинтæ, дæ амонд
Ды кæй ссардтæй
Кæмæндæр мæ бæсты.
Охх, цы кæнон, куыд-ма цæрдзынæн
Зæрдæ рысты фæстæ?
Куыд хорз-иу уыдысты мæйрухс изæртæ,
Сæ зарджытæ хæхтæн.
Мæ хай кæд нæ фæдæ,
Уæддæр мæ зæрдæ дæу мысгæйæ цæрдзæн.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рох кæнæн куыд нæй.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рох кæнæн куыд нæй.
Охх, тæхуды æнувыд уарзтæн
Йæ хорзæх кæй фæци.
Казбек и Ким Суановы еще тексты
Другие названия этого текста
- Казбек и Ким Суановы - Уарзгæ дæ куы кæнын (0)
- Ким æмæ Хъазбег Суанты - Уарзгæ дæ куы кæнын (0)
- Казбек и Ким Суановы - Уарзгæ дæ куы кæнын (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2