Дзеранты Лаврентъийы зарæг
Слова и музыка народные
Гуры зæндæрмтæ куы рацæуынц —
Зилынц кæмтты цъалаты, гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
Уæд зилынц кæмтты цъалаты, гъой
Лаврент сæм рагъæй афтæ дзуры:
«Ме ’рдæм ма рацæут фалæты», гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
«Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты», гъой
Тыбылы-фырт æм афтæ дзуры:
«Æз абон мæ туг райсдзынæн», гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
«Æз абон мæ туг райсдзынæн», гъой
Дзераны-фырт æм афтæ дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ», гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ», гъой
Тыбылы-фырт æй уæд куы фехста,
Йæ иу фæрсты ацыди, гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
Йæ иу фæрсты ацыди, гъой
Дзераны-фырт æй рагъæй рыхста,
Йæ рахиз цонг ныппырх и, гъей-гъе-гъе-гъе-гъей, мæ дуне,
Йæ рахиз цонг ныппырх и, гъой
Зандармтæ Тыбылы-фыртыл фесты,
Лаврентъи та — тар хъæдмæ, Гъæйтт-мардзæ, ирон сахъ лæппу,
Дзераны фырт Лаврентъи, гъой
Камерный хор "Арион" еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1