Слова и музыка народные
Мæнæн иу мæ мад афтæ фæдзæхста:
«Кæрчытæй иу ма кæй аргæвд сау карк йеддæмæ».
Уæй, уæрæйдæ ’мæ уæйдæ-уæрæйдæ,
Кæрчытæй иу ма кæй аргæвд сау карк йеддæмæ.
Мæнæн иу мæ мад афтæ фæдзæхста:
«Чызытæй иу ма кæй ракур сау лæгъз йеддæмæ».
Уæй, уæрæйдæ ’мæ уæйдæ-уæрæйдæ,
Чызытæй иу ма кæй ракур сау лæгъз йеддæмæ.
Ауадз мæ, нана, хохмæ дын цæуын,
Хохы иу мæлинаг федтон, кургæ йæ кæнын.
Уæй, уæрæйдæ ’мæ уæйдæ-уæрæйдæ,
Хохы иу мæлинаг федтон кургæ йæ кæнын.
Цæй-ма, фæсивæд, мæнæ хорз адæм,
Рацæут нæм, чындзæхсæвмæ хонгæ уæ кæнæм.
Уæй, уæрæйдæ ’мæ уæйдæ-уæрæйдæ,
Рацæут нæм, чындзæхсæвмæ хонгæ уæ кæнæм!
«Музыкальная культура осетин» © 2011
http://vkontakte.ru/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Камерный хор «Арион» еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1