Сау Хохы фыййау (Фыййауы зарæг)
Ой уа ой, Сау Хохы фыййау мын, уа ой
Сау Хохы фыййау мын, Урс Хохмæ дзуры, ой æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, дæ фос мын бира уа, уа ой
Дæ фос мын бира уа, Урс Хохы фыййау, ой æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, уазджытæ дæм фæцæуынц , уа ой
Уазджытæ дæм фæцæуынц дыууæ дыууадæсæй, æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, уазджытæ дам ку не сты уа ой
Уазджытæ дам ку не сты – Удхæсджытæ сты, ой æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, дæ фосы уæд астæу, уа ой
Дæ фосы уæд астæу ис бурæ нæл фыс, ой æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, йæ уый цын ды раргæвд, уа ой
Йæ уый цын ды раргæвд, Урс Хохы фыййау, ой æмæ
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Ой уа ой, йæ бас цын хос уыдзæн, уа ой
Йæ бас цын хос уыдзæн, йæ фыд цын марг у, ой æмæ,
Ой уа ой, бецау, фыййау!
Камерный хор «Арион» еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2