Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Камилла Кусова - Иры зард | Текст песни

Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Диссаджы адæм дзы уарзонæй цæрынц.
☺Ирæттæ хохы дзуæрттæм кувынц,
Къæхцыты бонты Хуыцауимæ дзурынц,
Джеоргуыбамæ 'нхъæлмæ кæсынц.☺ (2 хатты)

Базард
Амонд дын хæссы сомбон,
Нæ уарзон хæдзар, нæ Ирыстон.
☺Ирон æгъдауæй, дыгуры фарнæй,
Уæларвы тæхгæ къуыдары зардæй
Бирæ нын цæра, нæ Ирыстон!☺ (2 хатты)

Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Хохы дзуæрттæ нæртон быдырмæ фарн хæссынц.
☺Къуыдары адæм сæрæн, амалджын,
Кафт æмæ зарæгмæ Хуыцауæй хайджын,
Знæгты ныхмæ фидар лæууынц.☺ (2 хатты)

Базард.

Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Нæ зад быдыртæ бирæ бæркад хæссынц.
☺Дыгур уалдзæджы хор фæтауынц,
Фæззæджы бирæ бæркады фидауынц,
Кæрæдзиуыл фидар хæцынц.☺ (2 хатты)

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Популярное сейчас
Видео
Нет видео
-