http://allingvo.ru/SONG/KARAOKE/koroleva.htm
Фæрсуынгты сæрд йæ хъарм фæкалы,
Хур уæлхæдзæрттæй тæдзы,
Йæ тынты узæлæн гуылфæны
Чызг киоскы цур лæууы.
Æддаг цъæрттæй журналтæ ‘рттивынц,
Кæсынæй нал æфсæды уд, –
Ды, сыфтæ фæлтæргай ивгæ,
Федтай дунейы рæсугъд.
Æрмæст дæуæй æз буц дæн рагæй,
Фæнды рай, фæнды мыл худ –
Дæ аив фидыцмæ хæлæгæй
Марди дунейы рæсугъд.
Æмæ дæ размæ æз фæцæуын,
Æмæ тындзын дæумæ цæрдуд,
Цæмæй мæ дидинджытæ райса
Иунæг дунейы рæсугъд.
Хъысмæт ысбаста æнустæм мах,
Æнæсцух зилдзæн
Нæ уарзты цалх.
Рæсугъд чызджытæй дуне йедзаг,
Алкæм фендзынæ сæ ды дæр,
Фæлæ адджындæр мын нæ уыдзæн
Иунæг уарзонæй уæддæр.
Ныр дæр æххæстæй æз куы ‘мбарин,
Куыд фестæм зæрдæйæ æмуд.
Дæ хуызæн цæсты рухс кæм ссарин,
Иунæг дунейы рæсугъд.
Хъысмæт ысбаста æнустæм мах,
Æнæсцух зилдзæн
Нæ уарзты цалх.
Фæрсуынгты сæрд йæ хъарм фæкалы,
Хур уæлхæдзæрттæй тæдзы,
Йæ тынты узæлæн гуылфæны
Чызг киоскы цур лæууы.
Æмæ йæ размæ æз фæцæуын,
Æмæ тындзын уымæ цæрдуд,
Цæмæй мæ дидинджытæ райса
Иунæг дунейы рæсугъд.
Цæмæй мæ дидинджытæ райса
Иунæг дунейы рæсугъд.
Цæмæй мæ дидинджытæ райса
Иунæг ду-не-йы рæ-сугъд.
КАРАОКЕ ИРОНАУ еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1