Иу изæр куы нæ фенай дæ уарзоны,-
Æхсæв дæм фæкæсдзæнис æнус.
Дард балцы куы цæуа, уый куы базонай,-
Атайдзæн дæ сау цæстыты рухс.
Урс бæрз бæлас цады былыл мæйрухсы
Къулсæрæй зыд уылæнтæм кæсы...
Искуы мын куы бауарзай æндæры ды,
О мӕ бон уымӕй дын тӕрсын!
О мæ зæрдæ ма райхал дæ карз фæндтæ,-
Сусæг удхар раппæлинаг нæу.
О, фæлтау куы нæ уаиккæм уарзæттæ,
О, фæлтау куы нæ зыдтаин дæу.
(Гаджиты Георги)
Ким Суанов еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1