Уарзты фæндыр райхъал ис мæ риуы
Уарзты кадæг сонд зæрдæ цæгъды, цæгъды
Байгом ма кæн де`нæбын цæстытæ
Мæн сæ мидæг батайын фæнды (2)
Базмæлын кæн зæрдæйы уидæгтæ
Амонджын хæкъуырцæй æз кæуон, кæуон
Байтындз ма дæ зæрдæйы дуардтæ
Ӕз йæ мидæг бастъалон дæууон
Уарзондзинад цардæн у йæ муза
Уый дæлбазыр алчи дæр цæрæд, цæрæд
`Рымыскæ у, мачи зæгъæд уарзтæй
Уарзт æцæг у, `рымыскæ мæлæт (3)
Ким Суанов еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2