Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Коста Хетагуров (читает Анна Кулухова) - Монолог Фатимы из поэмы «Фатима». Перевод Хаджибатыра Ардасенова | Текст песни

ПЕРЕВОД ХАДЖИБАТЫРА АРДАСЕНОВА
— Мæ фыд,
Цæцæнæй уацхæссæг куы ссыд
Фæлладæй тар æхсæв нæ кæртмæ
Æмæ цæссыг калгæ зынæй
Нæ хъæуы хистæртæн сæ цуры
Куы райдыдта уый уацтæ дзурын
Джауырты бырстыты тыххæй...
Сымах æппæт — зæрондæй, ногæй, —
Уæхи куы байдыдтат цæттæ.
Сулачы 'рдæм хæцынæввонгæй
Куы тындзыдтат... Баба, уæд дæ, —
Дæ зæрдыл ма лæудзæн, — куыд куырдтам
Æз дæр æмæ Дзамболат дæр,
Цæмæй йæ ауадзай. Цы дзырдта, —
Нæ дæ уыдзæн уый рох ныр дæр...
Æмбарын æз, æрыгон уыд
Фыдтугкалæн хæстæн дæ фырт,
Фæлæ дзæвгар фæдзырдта демæ...
Æмæ ысразы дæ ды уæд.
Æдылы сæр! Куыд уыдтæн йемæ
Уæд æз мæ рæузондæй æмвæнд!..
Æвæццæгæн нывгонд уыд афтæ!
Ды нал хъуыды кæныс, мæ фыд,
Куы рацыд уый йæ бæхыл кафгæ?
Хæстæттæй иунæг дæр нæ уыд
Уындæй уæд уый хуызæн. Нæ хаста
Хæсты сæрыл, мыййаг, йæхи, —
Фæлæ сæрибарыл уыди
Гъе-уæд йæ балцы цыд... Уый уарзта...
Баба, ды ме 'ргом дзырд ныббар...
Æнæхъуаджы æнхъæлмæ кастæй
Ныр фондз азы мæныл фæтар
Æнæфын æхсæвтау æвастæй.
Æнæ фæд уадзгæйæ куыддæр...
Уырнæд дæ, хаттæй-хатт ныр дæр
Мæнæн ысрухс кæнынц мæ зæрдæ
Ныфс æмæ 'нхъæлцауы цæхæртæ —
Кæсын æм æз... Фæлæ цы сты
Фыдæлгъыстаг чызгæн йæ сæнттæ!
Гъе-уый аргъ не сты, æмæ ды
Сæттай нæ фыдæлты æгъдæуттæ...
Æвæццæгæн, хъысмæты уагæй
Нæ ахицæн тæрхонгонд у, —
Нæ хъуыддаг фехæлд махæн рагæй...
Ыстыр пехуымпарæн табу!
Кæнын мæ хъысмæтыл æз разы;
Æгъдæуттимæ нæ цæуын тохы...
Ныббар, нæ рæвдаудзæн уый мæн,
Фæлæ фыдæлгъыстау дæуæн
Æнус нæ баддзынæн дæ разы;
Æгъдæуттимæ нæ цæуын тохы...
Сæттын мæ раздæры дзырдтæ...
Дзамболаты æз уадзын рохы
Æмæ кæнын — фæнда дæ, нæ —
Æз Ибрагимæй мой...

ОРИГИНАЛ КОСТА ХЕТАГУРОВА:
— Изволь, отец.
Когда измученный гонец
С Чечни к нам в полночь прискакал
И пред старшинами аула
Здесь со слезами рассказал
О притеснениях гяура…
Когда вы все — и стар и млад —
С оружьем за Сулак спешили,
Ты помнишь, как тебя просили
И я, и сын твой Джамбулат
Пустить его… Ты не забыл
Его проклятья и молитвы…
Твой сын, я знаю, молод был
Для ужасов кровавой битвы,
Но он исторг твое согласье…
Безумная! Как заодно
С ним детской мыслью увлеклась я!..
Но так нам, видно, суждено!..
Ты помнишь, — ни один в походе
Не красовался на коне,
Как он… Отец, то не войне
Служить хотел он — нет! — свободе…
Свободе!.. Он любил тогда…
Прости, отец, мое признанье!..
Пять лет в бесплодном ожиданье
Прошли, промчались без следа,
Как ряд ночей, без сновиденья,
Без искры света… Но, поверь,
Порой надежда и теперь,
Сменяет горькое сомненье, —
Я жду его… Но что мечты
И клятвы девушки презренной! —
Они не стоят, чтобы ты
Закон отцов попрал священный…
Должно быть, так угодно року,
Что друг для друга мы равно
Погибли с ним давно, давно…
Табу великому пророку!..
Изволь,

Коста Хетагуров (читает Анна Кулухова) еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3