Мæ ус каст фæцис институт,
Сæрæй къахтæм у зонд,
☺ Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут –
Рæсугъд æмæ хæрзконд. ☺ (2 хатты)
Мæ ус мæммæ куы 'рбадзуры:
«Лæгай, ды дæ мæ ныфс,
☺ Мæ сæры хицау, дæумæ дзурын,
Мæ къахтæ ма мын 'рæхс». ☺ (2 хатты)
Мæ усæн æз куы æрæхсын,
Йæ къахтæ ‘мæ йæ сæр,
☺ Гæрзтæ ‘хсын ма йын арæхсын
Дзæбæх сылæй хуыздæр. ☺ (2 хатты)
Мæ усæн æз куы фæзæгъын:
«Фалдæр ма фæхуысс», –
☺ Сæнттæ мыл йе уæд фæкæны:
«Фидиссаг куыдз ныххуыс!» ☺ (2 хатты)
Ма мыл фæхудут, хорз адæм,
Мæнæн мæ ус – сæрниз,
☺ Мæ нервтæ мын уый фехæлдта,
Бафтыдта мыл фыдниз. ☺ (2 хатты)
Мæ ус каст фæцис институт,
Сæрæй къахтæм къуырма,
☺ Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут –
Рæсугъд, фæлæ фыркъа. ☺ (2 хатты)
▪ Кударская еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2