Pesni.guru - сайт для Гуру
«Асин»
Слова Алихана Токаты, музыка Сауассы
Уæлæмæ асиныл цæуæм,
Уæлæмæ. Кæуæм,
Куы ’ркæсæм асинæй дæлæмæ.
Мæ хæлар, кæс!
Ды ризыс… Хауыс!
Дæхи уæлæмæ хæсс —
Бынæй ды цы дауыс?!
Нæ асин у бæрзонд,
Фæцыд уæлæрвтæм.
Хæссæд дæ, цæй, дæ монд
Дæлдзæхæй æрвтæм.
Ныр мах ыстъалыйыл лæууæм —
Цæуæм мах хурмæ.
Цæуæм, цæуæм, цæуæм…
Уæ цурмæ. Хурмæ.
Уæлæмæ, хурмæ…
Дæхи уæлæмæ хæсс —
Бынæй ды цы дауыс?!
Нæ асин у бæрзонд,
Фæцыд уæлæрвтæм.
Хæссæд дæ, цæй, дæ монд
Дæлдзæхæй æрвтæм.
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1