Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Марина Хутугова - Кæцæй йæ зоныс(осетинская) | Текст песни

Кæцæй йæ зоныс

Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын?
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон?
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъæй
Куы мыл фембæлыс, куыд нæ йæ 'мбарыс,
Цæмæн æркæсын мæ къæхты бынмæ?
Дæ цæстытæм кæсын кæй нал у мæ бон, гъæй

Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ цæстæнгасæй
Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ зæрдæйы уарзтæй
Ӕнæ дæу цæрын кæй нал фæразын, гъæй
Ракæс-ма, лæппу, дæ алыфарсмæ,
Мыййаг мæ феныс чызджыты астæу...
Мæ сау цæстытæ, мæ даргъ дзыккутæ, гъæй

Зæрдæ фыруарзтæй фæйнæрдæм скъуыны
Ӕдзухдæр мемæ вæййыс мæ фыны
Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ зæрдæйы фæндон, гъæй
Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын?
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон?
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъæй


Другие названия этого текста
  • Марина Хутугова - Кæцæй йæ зоныс (0)
  • Марина Хутугова - Кæцæй йæ зоныс(осетинская) (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-