Кæддæр æз уæлæрвты кæй агуырдтон,
Сæрдыгон рæсугъд бон кæй базыдтон,
{Уый зæххыл ме стъалы куы разынди,
Мæ цард мæ æнæ уый уæд нал хъуыди.} x2
Сылгоймаг амондджын цæмæй вæййы? –
Арвы дуар куы байгом уа зæрдæйы.
{Сызгъæрин базыртыл – нæ фæндæттæ,
Зæлдагхуыз цъæх нæууыл – нæ фæндæгтæ.} x2
Дидинæг бæлæстæн сæ рæсугъддæр,
Мæ адджын хæрзфынты кæмæ худтæн,
{Уый царды ды уыдтæ, дæумæ дзырдтон,
Уæлæрвтæй цæстырухс дæуæн куырдтон.} x2
Хæрзгæнæг дзуар æви зин уыди?
Фæлæ ма уый æнхъæл чи уыди.
{Искуы ма иумæ мах кафдзыстæм,
Адæмыл циндзинад уардзыстæм.} x2
Рацагъд.
Нæ хæхтæн сæ фидауц – сæ бæлæстæ,
Ирон фæндырæн та – йæ хъæлæстæ.
{Не ’фсæдынц хуримæ хъазынæй,
Арвы бын ацы зæхх уарзынæй.} x2
Чи кæны фæндонхорз уынаффæтæ,
Уыдоныл сæмбæлæнт нæ арфæтæ.
{Амонд уæм æрцæуæд фарнимæ,
Зæрдæйы рухс æмæ хъармимæ.} x4
Слова Ахсара Чеджемова, музыка народная
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Марина Хутугова еще тексты
Другие названия этого текста
- Марина Хутугова - Мæ царды цин (туаллаг симды цагъдимæ) (0)
- Марина Хутугова - Мæ царды цин (осетинская) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2