Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Медойты Светланæ - Дзигойы зарæг | Текст песни

Хъæдгæроны фæсивæд куы ’рбамбырд сты,
Дзуццаты Дзигомæ афтæ бадзурынц:
«Цæй-ма, Дзиго, æддæмæ ракæс,
Цæуæм Мæздæгмæ мæнæу ласынмæ».
Уæд, дам, сæм Дзиго куы рахъæр кæны:
«Афтæ фæлæуут, мæ хорз æмгæрттæ,
Æз ма мæ мадæн хæрзбонтæ зæгъон».
Мады зæрдæ зонаг фæхонынц.
Батыхст, мæгуырæг, бакатай кодта.
«Цæй-ма, нана, тыхсгæ мын ма кæн,
Цæуын Мæздæгмæ мæнæу ласынмæ,
Фен мын фæндагмæ нартхоры кæрдзын».
Арæвдз кодта нана йæ фырты:
«Фæндараст, мæ хур, дзæбæхæй сыздæх».
Хъæлдзæг фæсивæд Быраны былмæ,
Быраны былмæ ныххæццæ вæййынц.
Æмгæрттæй чидæр афтæ бадзуры:
«Чи баленк кæна Терчы фалемæ,
Уымæн ратдзынæн сыгъзæрин иу сом.
Гъе уæд æм Дзиго афтæ куы дзуры:
«Уæ уаих фæуай, сомæй цы кæнын,
Лæгдзинады тыххæй баленк кæндзынæн».
Йæхæдæг, зæгъы, Быраны былæй
Йæхи нывзылдта абухгæ донмæ.
Фурды астæумæ бæргæ бахæццæ.
Фæлæ уым дарддæр йæ бон куы нал уыд.
Дзиго ма, мæгуыр, куы ныхъхъæр кодта:
«Æллæх, ме ’мгæрттæ, æнхъæлдæн сæфын.
Æруадзут-ма мæм мæцъы бæндæнтæ».
Ауагътой йæм мæцъы бæндæнтæ,
Фæлæ йын уый дæр куы ницуал баххуыс,
Йе ’мбæлттæн Дзиго афтæ фæдзæхста:
«Куы ссæуат хъæумæ, мад уæ фæрсдзæни:
«Кæм ис мæ бæлццон, Дзиго цы фæци?»
Зæгъут-иу, дæлæ ыстыр Куырттатæм,
Ыстыр Куырттатæм йæ хомæ фездæхт.
Фæлæ уын ууыл куынæ баууæнда,
Уæд-иу ын зæгъут: фæстейы ссæуы.
Ууыл дæр та уæ куынæ ныууадза,
Уæд-иу ын зæгъут: дон æй фæласы.
Æллæх, æллæх мæлын цæй зын у,
О, ма байрайат уæ иунæг сомæй!
Мæнæн мæ уарзон куырдуаты баззад,
Чи йæм фæуыдзæн сусæг хъæргæнæг?
Гъей, мæ бон, нырæй фæстæмæ
Денджызы хъуына уыдзæн мæ гобан,
Гъей, мæ бон, нырæй фæстæмæ
Денджызы уылæн — мæ фæлмæн хъæццул.
Денджызы урс дур мæ баз уыдзæни,
Денджызы кæсæгтæ — мæ бирæ мæрддзыгой».

Медойты Светланæ еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3