Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Мужской хор гос.филармонии - Пухаты Иликъойы зарæг | Текст песни

Рухсы бадай, рухсы бадай, Пухаты Иликъо,
Ой, уæрæйдæ, ой!
Рухсы фæбадай, Пухаты Иликъо ой
Ой уæрæйдæ ой рухсы фæбадай Пухаты Иликъо ой

Адæмы тыххæй, мæгуырты тыххæй, æлдæртты куы цагътай ой
Ой, уæрæйдæ, ой!
Адæмы тыххæй æлдæртты ды куы цагътай ой
Ой уæрæйдæ ой адæмы тыххæй æлдæртты ды куы цагътай ой

Фынгтæ самадта, фынгтæ самадта уæд сыгъдæг мохъотæй,
Ой, уæрæйдæ, ой!
Фынгтæ самадта Иликъо уæд мохъотæй ой
Ой, уæрæйдæ ой фынгтæ самадта Иликъо уæд мохъотæй.

Мæгуырты тыххæй фынддæс рамардта уæд сыгъдæг булкъонтæй ой
Уæй, уæрæйдæ, ой!
Фынддæс рамардта Иликъо уæд булкъонтæй.
Ой, уæрæйдæ ой фынддæс рамардта Иликъо уæд булкъонтæй ой

Рухсы бадай, рухсы бадай Пухаты Иликъо,
Ой, уæрæйдæ, ой!
Рухсы фæбадай, Пухаты Иликъо ой
Ой, уæрæйдæ ой рухсы фæбадай, Пухаты Иликъо ой


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-