«Тылаттаты Чермены зарæг»
Слова и музыка народные
Тылаттатæ нын байуæрстой, ой, уæрæйдæ, гъой!
Æрнæджытæ, гæмæхтæ.
Черменæн дзы хай равзæрсто, ой, уæрæйдæ, гъой!
Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ.
Чермен уæд уыдис хæтынмæ, уæрæйдæ гъой!
Лæбурдта иу, бирæгъау,
Сау хъулгъайы сæттынмæ, ой, уæрæйдæ, гъой!
Æрбатардта иу рæгъау.
Бадти йæ мад æнкъардæй, ой, уæрæйдæ, гъой!
Арты фарсмæ къонайыл,
«Сайдзысты дæ мæнгардæй, ой, уæрæйдæ, гъой!
Ма-иу баууæнд Хъобаныл».
Куы фæтæрсон æз мe ’знæгтæй, ой, уæрæйдæ, гъой!
Мæ хъару ’мæ мæхæдæг,
{Уæд фæхъæуон æз мe ’мгæрттæй, ой, уæрæйдæ, гъой!
Хæрам мын уæд дæ фæдæг!} x2
МХГФ еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1