Цин æрцыди
Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди?
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ къуыппыл уæд Сиукъатæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут сæм уæд сыкъатæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ комы — гæнгæлытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын бæгæнытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ дурыл уæд нурытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын дзаг дурынтæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ Цаби Къобыл ’руади,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Ахæм ми нын къордыл ’руади,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Иугæйттæ ’мæ уæд дыгæйттæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Авæрут сæм ныр дæсгæйттæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рæгъ рауадзут, рæгъ кæстæртæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Æрдæттут сæм сæхæрнатæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди?
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
{Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди?
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.} x2
МХГФ еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1