Слова и музыка народные
Хуры тынтæм райхалдтæ,
Дидинæг йæ сыфтæртæ.
Бахудтис йæ мидбылты,
Барухсис йæ рухс зæрдæ.
{Фæлæ хур куы бамбæхстис,
Хæхты фæстæ ’рхæндæгæй.
Дидинæг фæзæрдæхæлд,
Фемæхстысты цæссыгтæ.} x2
Мæйы тынтæ сусæгæй
Ратæхынц чыртæ-чыртæй.
Дидинæгыл атыхсынц,
Узæлынц ыл фырбуцæй.
{Фæлæ йæ нæ бандавынц,
Зæрдæ сæ нæ барайы.
Æхсæвбонмæ фырмæтæй
Бирæ цæссыг фезгъалынц.} x2
Фæлæ хур саумæрайсом
Хæхты сæр куы фæзыны.
Бæстæ фесты хуры тын,
Райынц кæмттæ æвæлмастæй.
{Дидинæг дæр бауигъы
Фырцинæй йæ къабузтæ,
Хуры тынтæ дойныйæ
Аназынц йæ цæссыгтæ.} x2
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1