Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,бирæ кæй уарзын?
*Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын,
дæумæ кæй бадын. (2 хатты)
Уæд хъазты вæййын, фæрсгæ мæ кæнынц, фæрсгæ мæ кæнынц.
Курæг дæ куы ис, мой ку нæ кæныс, мой ку нæ кæныс.
Кæмæн ракæнон мæ сусæг ныхас ,мæ сусæг ныхас?
Уый дзы куы 'скæна æстыр тулдз бæлас, æстыр тулдз бæлас.
Æз та мæ ныхас мæ мадæн зæгъон, мæ мадæн зæгъон.
Бынтон æнамонд мæхи куыд хонон,
мæхи куыд хонон. ( 2 хатты)
Фæлæ мæ уый дæр куы нæ бамбара,
куы нæ бамбара,гъæй.
Мæ къæйных ныхас куы нæ ныббара,
куы нæ ныббара,гъæй.
Сæумæйы æртæх кæрдæгыл баззад,
кæрдæгыл баззад,гъæй.
Мæ сусæг ныхас æрдæгыл баззад,
æрдæгыл баззад,гъæй.
НОВИНКА 2014 еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1