Бæласæй æркалдысты фæткъуытæ
Иу дзы йæ астæуыл афазти
Кæй уарзтон, уый чындзы ацыди
Йемæ мæ зæрдæ дæр атахди
Кæй уарзтон, уый чындзы ацыди
Йемæ мæ зæрдæ дæр атахди
Бæрз бæласæй уад ын сарызтон
Загътон, нæ хæхты дзы цæхдзынæн
Иу бон уыцы рæсугъды федтон
Уый мæ къухтыл дæр фæхæсцынæн
Иу бон уыцы рæсугъды федтон
Уый мæ къухтыл дæр фæхæсцынæн
Суадоны донæй банызтон
Мæ фæллад йе'уæд æсуагътон
Уым рæсугъды цæсгом ауыдтон
Æмæ йæ тынг бирæ бауарзтон
Уым рæсугъды цæсгом ауыдтон
Æмæ йæ тынг бирæ бауарзтон
Хурæй тынг сузынц нæ быдыртæ
Сыуадæдтæ дæр куыд нæ ацæуынц
Чызг йæхи фæмары кæуынæй
Фæлæ цъæссыг мур дæр не'згъæлы
Чызг йæхи фæмары кæуынæй
Фæлæ цъæссыг мур дæр не'згъæлы
Чызг мын дон бадардта дурынæй
Уымæн йæ дон тынг уæззау уыди
Уæд ын загътон: "Рæсугъд, курын дæ"
Фæлæ уый та къуырма разынди
Уæд ын загътон: "Рæсугъд, курын дæ"
Фæлæ уый та къуырма разынди
Ацы зарджытæ дæуыл зарын
Ацы æмдзæвгæ дæуыл фыссын
Тæхуды, о, Рæсугъд, тæхуды
Ды мæнæн куы фе'стис мæ уды
Тæхуды, о, Рæсугъд, тæхуды
Ды мæнæн куы фе'стис мæ уды
Тæхуды, о, Рæсугъд, тæхуды
Ды мæнæн куы фе'стис мæ уды
Тæхуды, о, Рæсугъд, тæхуды
Ды мæнæн куы фе'стис мæ уды
Нодар Гуцаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2