Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

ӃОNА - А-ло-лай | Текст песни

Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна!
Æцитт, Гино, ма та yac,
Йæ баппа йын ма алас.
Бауадз фынæй чысылы
— Фена дæ уый йæ фыны.
Æцитт, рацахс мыстытæ,
Мыстытæ 'мæ уæрццытæ!
Мысты бахæр дæхæдæг,
Уæрццы рахæсс чысылæн!
Уый йын баппа дæтдзæни,
Гæбыстæ йын кæндзæни,
Ды дæр семæ уыдзынæ,
Аргъæуттæ сын кæндзынæ:
Куыд бастæрдтай æхсыртæ,
Куыд бахордтай гуымбылтæ,
Царæй фиутæ куыд давтай,
Фынгæй дзидза куыд ластай,
Уæд дæ нана куыд ахста,
Уисæй дæ уый куыд надта!

Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы,
Ацы хъæндил — хъæндилæг,
Йæ базыртæ — æрттиваг,
Йæ астæуыл — цыргь хъама,
Йæ уæлæ та — цъæх цухъхъа.
— Кæдæм уайыс, хъæндилæг?
— Хохæй уайын быдырмæ!
— Цæмæй цæрыс быдыры?
— Cay кæндысæн йæ бынæй,
— Урс кæндысæн йæ сæрæй!
— Цæргæ та дзы кæм кæныс?
— Айчы хъузджы — мæ хæдзар,
Карды комыл — мæ фæндаг,
Судзины бын — мæ дуар.
— Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ?
— Тинтæ æмæ Тыбылтæ.
— Цæмæй хъазынц дæ хуртæ?
— Тины хъазæн фæрæтæй.
Ныццæвынц æй зæвæтæй.
— Фæрæт арвмæ фæхауы,
Стъалытæ нызгъалы,
Арвы дуар ныссæтты.
Иухатт гомæй аззадис,
Иу cay бæх дзы ракастис.
— Чи йын быдта йæ къæдзил?
— Сырдон быдта, тых быдта.
— Уæд Сырдонæн цы загътай?
— Ратт мын, Сырдон, дæ иу фат...
— Мæ иу фатæй цы кæныс?
— Ме знæгты дзы ныццæгьдон,
Дзæбидыр дзы æртулон,
— Мæ хæлæртты æрхонон!
— Дард у, хъæндил, дæ фæндаг,
Суадз уал махмæ дæ фæллад!
Раздæх уал нæм фысыммæ,
Ардæм рауай мæ хурмæ
'Мæ йын рахæсс хæрзфынтæ!
Мæнæ хъæндил æрхæццæ,
Цинæйдзаг у йæ зæрдæ,
— Авдæн узы чысылæн,
Кадæг кæны мæ хурæн!

Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Ахуысс, айрæз, мæ хъæбул!
Ахуысс, уалдзæг æрцæудзæн,
Урс гæлæбу æртæхдзæн,
Мæ хур йемæ куы хъаздзæн,
Гукку, баппа куы хæрдзæн,
Бонæй-бонмæ куы рæздзæн,
Сахъгуырд, домбай куы суыдзæн,
Хор, мæнæу нын куы кæндзæн,
Не знæгты нын куы сурдзæн!...
Гъе, дзыццайы хъæбул, гье,
Бабо кæн дæ дзæццытæ.

ӃОNА еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
    Нет видео
    -